филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 суббота, 31 января 2026
04 сентября 2024, 12:09
Уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнтыл транспорты рад снывыл

Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег

Уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнтыл транспорты рад снывыл. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег.  Абон арæнтыл ис транспорты 160 иуæгмæ хæстæг, электрон радмæ дæр æнхъæлмæ кæсынц 30-æй фылдæр. Ивгъуыд къуыримæ Гуырдзымæ фæндагыл ахызти 34 мины 5 сæдæ машинæйы, стæй 110 мин адæймаджы. Æмбырды ныхас цыди æндæр хъуыддæгтыл дæр. Æнæнхъæлæджы цауты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, уæлдæфы температурæ бæрзонд кæй у, уымæ гæсгæ, республикæйы тынгдæр тæссаг у зынгсирвæзтытæй. 59 бынаты снысан кодтой зингсирвæзтытæй бахъахъхъæныны сæрмагонд фæтк. Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй 131 æвзарæн къамисы хайады ныридæгæн райдыдтой архайын, хайæдтæ иууылдæр сты видеоцæстдарды фæрæзтæй æххæстгонд. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ахуырад æмæ наукæйы министрадæй бадомдта, цæмæй бæрнонæй кæсой ахуыргæнæндæтты бындурон цалцæджы тыххæй алы курдиæтмæ дæр. Уыимæ, æрмæст скъолатæ нæ, фæлæ рæвдауæндæтты æмæ астæуккаг сæрмагод ахуыргæнæндæттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania