14 февраля 2025, 11:07
Уæрæсейы 5 регионты нысан кæнынц сæйраг паддзахадон фæлварæн дæттынæн бар раттын 4 предметæй нæ, фæлæ дыууæйæ
Уый тыххæй закъоны проект фыццаг бакасты сфидар кодтой Паддзахадон думæйы депутаттæ
Уæрæсейы 5 регионты нысан кæнынц сæйраг паддзахадон фæлварæн дæттынæн бар раттын 4 предметæй нæ, фæлæ дыууæйæ – уырыссаг æвзагæй æмæ математикæйæ. Уый тыххæй закъоны проект фыццаг бакасты сфидар кодтой Паддзахадон думæйы депутаттæ. Пилотон проект царды уаддзысты нæ бæстæйы 5 регионы. Цæгат Ирыстоны, Ростовы æмæ Тюмены облæстты, Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы. Проект ахадгæ куы разына, уæд æй парахат кæндзысты æндæр субъектты дæр. Уыимæ закъоны проектмæ гæсгæ, ивд нæ цæуы, 9-æм кълас фæуыны фæстæ хатдзæгтæ гæнæн аттестацийы цыппар фæлварæны дæттыны æнæмæнг нормæ. Ома уыдон хъуамæ сæ ахуыр адарддæр кæной скъолайы.
темæмæ гæсгæ




