филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 воскресенье, 01 февраля 2026
19 ноября 2019, 12:18
Уæрæсейы æххæст кæнынц проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад»

Йæ финансон бындурæн ын дзуапп дæтты кредитон организаци

Канд социалон къабазæн æххуыс нæ, фæлæ ма бизнесæн дæр. Уæрæсейы æххæст кæнынц проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад». Йæ финансон бындурæн ын дзуапп дæтты кредитон организаци. Йæ минæварад кусы нæ республикæйы дæр. Цавæр æххуыс кæнынц, уый тыххæй радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

20 азæй фылдæр ацы куыстуат кæны бетон арæзыны куыст.

Хæрзхъæддæр чи кæны арæзтадон æрмæг, уый  раджы ссардта йæ фæлхасгæнæджы. Уыимæ йæ арæзтады куыст кæрæй-кæронмæ у фæзминаг.

Куыстуат рæгæй зындгонд у, йæ гæнæнтæ сты нырыккон- куыстытæ конд цæуынц  техникæйы фæрцы, кусы дзы сæрмагонд лаборатори , базарады  дæр сын ис æнгом ахастдзинæдтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Бæстæйы экономикон уавæр æвзæрырдæм кæй фæбæрæг куыстуаты архайдыл дæр. Фæлæ уымæн дæр ссардтой гæнæн – райдыдтой  фæсарæнты фæлхасгæнджытæ агурын. Баххуыс сын кодта æмалхъомады фарсхæсты центр.

Ныртæккæ завод активонæй кусы Азербайджаны , хæстæг скæсæны бæстæты æмæ  Ног Зеландийы минæвæрттимæ. Хомаг сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ бафыстой рагагъоммæ бадзырд.  Хъæуы ма, канд сæрмагонд-фæсарæйнаг  сертификаци рацæуын. Уый  у зынаргъ процедурæ, фæлæ сын баххуыс кæнынæй зæрдæ æвæрынц æмалхъомады  центры.

Æппæт уыцы æххуысы хуызтæ арæзт цæуынц Бæстæйы президенты бадзырдмæ гæсгæ.  Национ проектмæ гæсгæ хъуамæ чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуыс 2014-æм азмæ ВВП-кæй хонынц, уымæй 34 процентæй къаддæр хъуамæ ма уа. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны ацы аз кусын райдыдта чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады фарсхæсты Уæрæсейаг  банк. .

Кредит райсыны  тыххæй амалхъом адæймаджы бон у курдиат бадæдтын электрон хуызы. Æрмæстдæр дзы хъæуы сыгъдæг кредитон истори æмæ документтæ раст саразын. .

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania