28 августа 2024, 11:40
Уæрæсейы æмгуыстады программæ «Здравствуй, Россия» æххæстгæнгæйæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд æрыгæтты къорд фæсарæнты 8 бæстæйæ
Уæрæсейы æмгуыстады программæ «Здравствуй, Россия» æххæстгæнгæйæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд æрыгæтты къорд фæсарæнты 8 бæстæйæ – Абхазæй, Белоруссийæ, Кипрæй, Китайæ, Никарагуайæ, Сирийæ æмæ Тайландæй.
Цæуы сыл 14 азæй 19 азы онг. Уыдон нæ республикæйы фæуыдзысты 7 боны. Ацы программæ æххæстгонд цæуы 2014-æм азæй нырмæ. Йæ архайджытæ свæййынц не *мбæстонты, фæлæ ныр фæсарæнты чи цæры, ахæм адæмы сывæллæттæ. Йæ нысан у æрыгæтты сæ фыдæлты райгуырæн зæххимæ, нæ адæмы культурæ æмæ традицитимæ зонгæ кæнын, чызджытæн æмæ лæппутæн нæ регионы æрдзы рæсугъдзинæдтæ фенын кæнын. Программæйы архайджытæ сты истори æмæ культурæ зонынады сфæлдыстадон конкурстæ æмæ интеллектуалон ерысты уæлахиздзаутæ.

темæмæ гæсгæ