12 декабря 2023, 12:15
Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты ветеранты организацитæ бахыгътой ацы азы куысты хатдзæгтæ
Видеобастдзинады фæрцы мадзалы архайдтой территориалон оргæнты хицæуттæ
Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты ветеранты организацитæ бахыгътой ацы азы куысты хатдзæгтæ. Видеобастдзинады фæрцы мадзалы архайдтой территориалон оргæнты хицæуттæ. Æрныхас кодтой риссаг фарстатыл, радзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй, снысан кодтой ветеранты змæлды дарддæры райрæзты пълантæ. Куыд загътой, афтæмæй ацы аз æппæт нысангонд мадзæлттæ сæххæст кодтой. Ветеранты Советы сæйраг хæс у, хæсты ветерантæн æмæ инвалидтæн, стæй сæ бинонтæн комкоммæ æххуыс кæнын.




