Абон Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры кад кодтой ацы дæсныйады минæвæрттæн.
Уæрæсейы аразæджы боны агъоммæ бæрæгбоны мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны дæр.
Абон Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры кад кодтой ацы дæсныйады минæвæрттæн. Арфæйы ныхæстæ сын ракодтой хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, арæзтады æмæ архитеткурæйы министр Касаты Таймураз, стæй Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы крмитеты сæрдар Бокоты Эльбрус, Кадджын æмбырды паддзахадон хæрзиуджытæ радтой ацы къабазы фæлтæрдджын кусджытæн. Афтæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт аразæджы ном райстой Дмитрий Романиди æмæ Хасыгаты Ирбег. Калоты Виталий та сси Хуссар Ирыстоны сгуыхт аразæг. Æнтыстджын кусджытæн ма радтой ведомствойы майдантæ æмæ риуылдаргæ нысантæ дæр.




