филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:18 пятница, 17 мая 2024
27 сентября 2022, 11:16
Уæрæсейы бæрæг кæнынц хъомылгæнæджы æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырады кусæджы бон

Бæрæгбон баст у, Уæрæсейы сывæллæтты фыццаг рæвдауæндон куы байгом кодтой, уыцы бонимæ

Абон 18 – æм хатт, Уæрæсейы бæрæг кæнынц хъомылгæнæджы æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырады кусæджы бон. Бæрæгбон баст у, Уæрæсейы сывæллæтты фыццаг рæвдауæндон куы байгом кодтой, уыцы бонимæ. Уый уыд 1863-æм азы 27-æм сентябры, Петербургы. Нæ республикæйы скъолайы агъоммæйы ахуырады чи фæллой кæны, уыдон сæ размæ канд хъомылгæнджыты хæстæ не ‘вæрынц, фæлæ ма сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын æмæ ахуырады нырыккон домæнтæн дзуапп дæттын. Ахæм хъомылгæнджытæй иу у Æрæфы районы Цыколайы рæвдауæндон «Солнышко»-йы скъолайы агъоммæйы къорды  хистæр хъомылгæнæг Медойты Иринæ. Йæ фæлтæрддзинадæй куыд хайджын кæны сабиты, уый федта не сфæлдыстадон къорд æмæ бакæсæм Сосранты Жаннæйы сюжетмæ.

Медойты Иринæ мады ад кæны сæдæгай сабитæн. Хъомылгæнæджы  фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ æргом кæныныл кусы æнусы æрдæгмæ хæстæг.  Царды цыды домæнтимæ æмдзо кæнгæйæ, æмбары алы рæстæджы дæр куыд ныййарджытæ, афтæ сывæллæттæ дæр æндæр хуызон кæй  сты, уый.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Иринæ йæ куысты фылдæр хай полилингвалон ахуырадыл кæй архайы, уый. Кæд хъæуы рæвдауæндон у, уæддæр мадæлон æвзаджы уавæр  ам дæр бæллиццаг нæу. Уый æмбаргæйæ  Иринæ архайы, сывæллæттæн се взаг зонын æмæ уарзын кæныныл.

Алы ахуыргæнæнгæн дæр æмæ хъомылгæнæгæн дæр уæлдай æхцондзинад фæхæссы сæ  фæлтæрддзинад сæ хъомылгæнинæгты арæхстдзинадыл куы фæбæрæг кæны, уый.

Ирæ цы рæвдауæндоны кусы уый кæд стыр нæу, уæддæр ныййарджыты фæфæнды сæ сабиты Иринæйы бæрны бакæнын, цæмæй йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлмæн уды ахастæй  фахайджын уой, уыймæй.

Медойты Иринæ йæ царды фылдæр хай цы куыстæн балæвар кодта, уый бæркад бæрæг у æхснады. Цы бирæ, хæрззонд фæлтæртæ схъомыл кодта æмгусджытимæ , уыдоны та нымайы йæ царды сæйраг хæзнайыл.

Ахæм райдзаст хъуыдытæй æххæст адæймаг хъуамæ , азты размæ, куыд нæ равзæрстаид хъомылгæнæджы дæсныйад. Ирæ кæд хъæуккаг хæдзары æфсин у, уæддæр, никуы фæхистæр кодта йæ никæцы хъуыддаг йæ сабитимæ  куыстæй.

Алы сывæллоны миддуне иртасгæйæ сын, Медойты Ирæ сæ уд æххæст кæны адæймаджы мниуджытæй . Кæд рæвдауæндоны уавæртæ æххæст зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ не сты, уæддæр агуры гæнæнтæ, кæны амæлттæ æмæ сæрыстырæй хæссы фидæны рæстуд адæймаг схъомылгæнæджы ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania