Уый тыххæй указ бафыста Владимир Путин
Уæрæсейы бæстондæрæй бакусдзысты бынæттон хиуынаффæйады системæйыл Ныр районтæ сæхæдæг æвзардзысты разамынды модель. Уый тыххæй указ бафыста Владимир Путин. Районты ног гæнæнтыл Цæгат Ирыстоны муниципалон скондты Советы æмбырды радзырдта Сергей Меняйло. Йæ ныхæстæм гæсгæ ногдзинæдтыл бакусын хъæуы иумæйагæй. Бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæн нысангонд уыдзæн иумæйаг куысты рæстæг – 5 азы. Сергей Меняйло муниципалон скондты сæргълæуджытæй бадомдта, июны кæронмæ хъæуты æмæ территориалон зонæты арæнтæ иумæйаг паддзахадон реестрмæ бахæссын. Ныхас цыди æндæр темæтыл дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныныл, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы бонмæ цæттæ кæныныл. Бафиппайдтой Цæгат Ирыстоны туризмы рæзт дæр, уæлдайдæр та Алагиры районы. Мамысон байгом кæныны фæстæ туристты нымæц дзæвгар фæфылдæр. Фæлæ лыггонд нæма æрцыд туристон хъалонты системæйы хъуыддаг. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз хæрзиуджытæ саккаг кодтой муниципалитетты минæвæрттæн.
