Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло
Уæрæсейы базарадон-промышленнон палатæйы уыдзысты Ирыстоны бонтæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта регионы гæнæнтæ æмбæлгæ æмвæзадыл равдисын. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ республикæйы цæуынц фæткмæ гæсгæ, хъæстытæ нæ уыд. Рауагъдонтæн ма баззад 2 фæлварæны радтын. Ацы аз аивæдты республикон лицейы райдайдзæн кусын креативон индустрияты скъола. Иннæ аз та ма байгом уыдзæн ноджыдæр иу. Загъта культурæйы министры фыццаг хæдивæг Рæмонты Маринæ. Æмбырды ма Сергей Меняйло бахæс кодта административон закъонхæлдтыты республикон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Уый фылдæр хауы, регионы æнæпилотон æдасдзинады фæтк куы расидынц, интернет тыгъдадмæ та бынатæй кадртæ куы бахауынц, ахæм цаутæм. Боны фæткы ма уыдысты амброзиимæ тох кæныны фарстатæ. Регионæн разамынд дæттыны центр 2 азмæ ацы фарстамæ гæсгæ снысан кодта 130 курдиаты. Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы администрацийæн æмæ районтæн бабар кодта зианхæссæг кæрдæг апарахат кæнын ма бауадзын, уæлдайдæр та социалон объекттæм хæстæг.
