27 июня 2024, 11:50
Уæрæсейы бирæ регионтæй, фонд «Твори Добро»-йы 20 партнерæй фылдæр хæрзаудæн нысанимæ ссыдысты Мæздæгмæ
Ам бабæрæг кодтой бинонтæн æххуысы центр «Амонд». Фонды минæвæрттæ хæрзаудæн компани «Дрим»-ы уæнгтимæ радзырдтой сæ куысты тыххæй, бæлвырддæр та – сывæллæттæн æххуысы мадзæлтты тыххæй. Центры хъомылгæнинæгтæн балæвар кодтой алыхуызон кусæнгæрзтæ, уазалгæнæнтæ æмæ гæрзтæ хсæнтæ. Сывæллæттæ та уазджытæн бацæттæ кодтой концерт. Хъуыстысты дзы национ мелодиты зæлтæ, æмдзæвгæтæ, æмæ зарджытæ. Хæрзаудæн акци аразджыты номæй алы сывæллон дæр райста лæвæрттæ æмæ адджинæгтæ.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ