Чызджытæн сарæзта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, сразæнгард сæ кодта стыр уæлахизтæм
Уæрæсейы чемпионкæ Санаты Елизаветæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд, цæмæй æвзонг фигуристкæтæн равдиса йæ фæлтæрддзинад. Чызджытæн сарæзта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, сразæнгард сæ кодта стыр уæлахизтæм. Спортсменкæтæн ахæм фембæлд уыд ахсджиаг. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Санаты Елизаветæйæ раппæлды ныхæстæ фехъусын, ацы чызджытæй алкæмæндæр у ахсджиаг. Æмæ кæд се нкъарæнтæ æргомæй не вдисынц, уæддæр сæ хъуыдыты сæхицæй сты сæрыстыр. Уæлдайдæр та сæм зын цы элемент кастис, уый уайын куы райдайы, уæд.
Фæлæ цæмæй Санаты Елизаветæйы хуызæн къахдзоныгътыл бырын уайа, уый тыххæй хъæуы бирæ кусын. Уый ам алы фигуристкæ дæр æмбары, æмæ зындгонд спортсменкæйы алы ныхасмæ дæр лæмбынæг хъусы. Цæгат Ирыстоны фигуристкæтæн дæсныйадæвдисæг ахуыр фыццаг хатт нæ аразы. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддаг йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ æххæст кæны.
Æрмæст ногдзинæдтыл сахуыр кæнын нæ, фæлæ ма сразæнгард кæнын ног бæрзæндтæм схизынмæ. Санаты Елизаветæйы ныхæстæм гæсгæ, уый æппæтæй сæйрагдæр у. Ацы аз чызджытæм спортсменкæ ссыд лæвæрттимæ. Зынаргъдæртæй иу сси, фигуристкæ кæддæр йæхæдæг ихмæ цы къабайы рацыд, уый.
Ацы спортæй архайын кæй фæнды, уыцы чызджытæ абон республикæйы чысыл не сты. Уыдонæн ахæм фембæлдтытæ ахсджиаг сты. Исынц, фидæны сын æххуыс цы зонындзинæдтæ уыдзысты, ахæмтæ.
Ахæм спортсментæ æвзонг фигуристтæн свæййынц, бафæзмын кæй бафæнды, ахæм дæнцæгтæ.




