филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:20 суббота, 28 сентября 2024
18 июня 2021, 12:20
Уæрæсейы экономикон рæзты министрады рейтинджы цæгатирыстойнаг центр «Мой бизнес» нымад æрцыд æппæтæй ахадгæдæрыл

Республикæйы районты цæрджытæ ныр афæдзы онг бизнес-æххуыс исынц сæхи муниципалон скондты

2020-æм азы хатдзæгтæм гæсгæ Уæрæсейы экономикон рæзты министрады рейтинджы цæгатирыстойнаг центр «Мой бизнес» нымад æрцыд æппæтæй ахадгæдæрыл. Республикæйы районты цæрджытæ ныр афæдзы онг бизнес-æххуыс исынц сæхи муниципалон скондты. Уыцы мгъуыдмæ специалисттæ бакуыстой 4 мин курдиатыл. Уымæй дарддæр центр нысан кæны адæмæн лæггæдты хыгъд фæфылдæр кæнын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Фермæйы куыст кæнынц æнæхъæн бинонтæй. Тотыккатæ рагæй бæллыдысты маргъдарæн куыстуат байгом кæнынмæ. Раздæр сæм уымæн фæрæзтæ нæ уыди. Ныртæккæ та уавæр аивта, баххуыс сын кодта паддзахад. Фæлæ цæмæй хъуыддаг фæрæстмæ уа, æмæ æфтиаг хæссын райдайа, уый тыххæй бирæсывæллонджын бинонты хъæуы хи фермæйы æппæт фæзилæнтыл дæр бацархайын.

Кæркдонæн быру скæнын, тæрхæджытæ самал кæнын æмæ мæргътæн хойраг балхæнын бинонтæн баххуыс кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министрад. Мæгуырдзинадимæ тох кæныны программæ æххæст кæнгæйæ, Тотыккатæн радих кодтой фæрæзтæ хи хæдзарад скæнынæн. Районы центр «Мой бизнес»-ы сын баххуыс кодтой æмбæлгæ гæххæттытæ сæмбырд кæнын, æмæ къамисы раз сæ проект бахъахъхъæнын. Специалисттæ райдайгæ амалхъом адæмæн æххуыс кодтой алы къæпхæны дæр.

Зехъеты Светланæ та цалдæр азы кæны хуыйæджы куыст. Ныр сфæнд кодта йæ архайд фæпарахатдæр кæнын. Бизнес-проект саразын æнæ искæйы ххуысæй йæ бон не сси, æмæ йын баххуыс кодтой районы центр «Мой бизнес»-ы. Уый фæрцы Светланæ сси профессионалон ательейы хицау, нырыккон кусæнгæрзтимæ.

Светалнæйæн йæ фæлхасгæнджыты нымæц зынгæ фæфылдæр. Уымæн æмæ кæны алывæрсыг лæггæдтæ. Ательейы хуыйынц интерьерæн текстиль æмæ уæлæдарæс дæр. Уæлдай æргом аздæхта сылгоймаджы уæлæдарæсмæ.

Республикæйы районты цæрджытæ ныр афæдзы онг бизнес-æххуыс исынц бынаты, ома сæхи муниципалон скондты. Бынæттон администрациты ис амалхъом адæмæн æххуысы Фонды минæварадтæ. Уыцы мгъуыдмæ специалисттæ бакуыстой 4 мин курдиатыл. Се хсæн сты – канд райдайгæ амалхъом адæмы курдиæттæ нæ, фæлæ ма промышленнон æмæ хъæууонхæдзарадон субсидитæ, зæххы хæйттæ хыгъды сæвæрыны фарстатæ æмæ афтæ дарддæр.

2020-æм азы хатдзæгтæм гæсгæ Уæрæсейы экономикон рæзты министрады рейтинджы цæгатирыстойнаг центр «Мой бизнес» нымад æрцыд æппæтæй ахадгæдæрыл. Фонды директоры ныхæстæм гæсгæ та сын ахæм æнтыстдзинад фадат дæтты уæндон къахдзæфтæ кæнынæн. Афтæмæй центр нысан кæны адæмæн лæггæдты хыгъд æмæ æххуысы мадзæлттæ фæфылдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania