филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:46 воскресенье, 08 сентября 2024
26 июля 2024, 11:13
Уæрæсейы Федерацийы Кавказы райрæзты институт æмæ Цæгат Ирыстоны разамынды иумæйаг куыст

170 куысты бынаты рахастой Дзæуджыхъæуы куыстдæттыны армукъамæ

Уæрæсейы Федерацийы Кавказы райрæзты институт æмæ Цæгат Ирыстоны разамынды иумæйаг куыст. 170 куысты бынаты рахастой Дзæуджыхъæуы куыстдæттыны армукъамæ. Ныхас цыд хæххон курорт Мамысоныл. Куыстдæттæг агуры техникон специалистты, слесырты, инженерты, стæй фысымуæтты кусджыты æмæ гидты. Мадзалы архайджытæн уыд, куыстдæттæгтимæ комкоммæ аныхас кæныны æмæ сæ фæрстытæ раттыны фадат. Кавказы райрæзты институты ваканситы армукъа ма арæзт æрцæудзæн Алагиры æмæ Мызуры. Адæмæн куыст дæттыны комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæн ис стыр нысаниуæг, сты, куыст ссарыны ахадгæдæр фæрæзтæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania