филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:09 вторник, 18 июня 2024
13 января 2022, 13:24
Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæ сбæрæг кодта йе 300 азы юбилей

Профессионалон юбилейы агъоммæ Мæздæджы районы прокурор Евгений Гусаров бабæрæг кодта, сæ бæрны чи ис, ахæм дыууæ организацийы

Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæ сбæрæг кодта йе 300 азы юбилей. Цæстдарæн ведомствойæн кæддæриддæр йæ сæйраг хæс уыд закъонæн лæггад кæнын æмæ паддзахады цæрджыты бартæ хъахъхъæнын. Профессионалон юбилейы агъоммæ Мæздæджы районы прокурор Евгений Гусаров бабæрæг кодта, сæ бæрны чи ис, ахæм дыууæ организацийы. Районы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ уазджытæн бацæттæ кодтой тематикон мадзал, цæстдарæн ведомствойы историйы тыххæй. Равдыстой документалон киноныв Мæздæджы районы прокуратурæйы архайды тыххæй. Сæ ахсджиаг фембæлд фæци æхсызгон мадзалæй. Хистæртæ кæстæртæн ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уымæй дарддæр Мæздæджы районы прокурор сæххæст кодта цалдæр сывæллоны бæллицтæ, стæй ма ахуыргæнæндонæн балæвар кодта ноутбук.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania