01 ноября 2022, 11:20
Уæрæсейы гвардийы дæлхайæдтæ бæрæг кæнынц сæ ведомствæйы 70 азы бон
Управленийы базæйы ацыди кадджын æмбырд
Уæрæсейы гвардийы дæлхайæдтæ бæрæг кæнынц сæ ведомствæйы 70 азы бон. Управленийы базæйы ацыди кадджын æмбырд. Се мкусджытæн арфæ ракодтой мидхъуыддæгты министры хæдивæг Альберт Сабанаев, хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, стæй службæйы ветерантæ. Сæ куысты фылдæр æнтыстдзинæдтæ кæмæ ис, уыдонæн радтой арфæйы фыстæджытæ, кады гæххæттытæ, æмæ зынаргъ лæвæрттæ. Стажировкæ цы 24 ног кусæджы ацыдысты, уыдон та бахордтой ард. Бæрæбоны кæронбæттæн, ведомствæйы минæвæрттæ кадджын уавæры рацыдысты рæнхъытæй.




