филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:31 четверг, 18 сентября 2025
07 июля 2025, 12:45
Уæрæсейы гвардийы директор ног фатеры дæгъæлтæ радта Уæрæсейы хъæбатыр Тыбылты Мараты идæдзæн

Хозиты Мæдинæ сывæллонæй бахауд Беслæны теракты

Уæрæсейы гвардийы директор ног фатеры дæгъæлтæ радта Уæрæсейы хъæбатыр Тыбылты Мараты идæдзæн. Хозиты Мæдинæ сывæллонæй бахауд Беслæны теракты. Ныртæккæ та службæ кæны национ гвардийы æфсады рæнхъыты. Дæгъæлтæ дæттыны рæстæг бæрнон кусæг загъта, Тыбылты Марат йæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд  стыр хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй Мараты фидар удыхъæд æмæ ныфсхастдзинад дзурæг сты æгæрон патриотизмыл. Уæрæсейы гвардийы сæрмагонд дæлхайы офицер «Сызгъæрин стъалы» февралы райста паддзахады сæргълæууæджы къухæй. Дыууæ мæйы фæстæ та Тыбылты Марат Курскы облæсты араст йæ фæстаг тохы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania