Турнир баст уыд, Уæрæсейы гвардийы ведомствойы бæрны чи нæй, уыцы хъахъхъæнæн службæйы 70 азы бонимæ
Уæрæсейы гвардийы кусджытæ æмæ æфсæддонтæ архайдтой егъау ерысты мысан æхсынæй, спортивон цæттæдзинадæй æмæ тактикæйæ. Турнир баст уыд, Уæрæсейы гвардийы ведомствойы бæрны чи нæй, уыцы хъахъхъæнæн службæйы 70 азы бонимæ. Уæлахиздзау суæвыны тыххæй ерысты архайджыты хъуыди, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр ныхмæлæууæгыл фæтых уæвын. Уыимæ æхстыты бынмæ ма бахауын. Цалдæр ерысы фесты æмгъуыдæй раздæр, иннæтæ та фæдæргъвæтиндæр сты. Æфсæддон-патриотон хъомыладыл кусыны нысанимæ ахæм мадзæлттæ Уæрæсейы гвардионтæ фæсивæдимæ саразынц рæстæгæй-рæстæгмæ. Æрыгон адæмæн сæ бон у сæ бæллиц сæххæст кæнын, æмæ сæрмагонд дæлхайæдты службæгæнджытимæ иумæйаг операцийы бацархайын.




