11 января 2023, 11:34
Уæрæсейы гвардийы кусджытæ арфæтæ ракодтой сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæ хъомылгæнинæгтæн
Митын Дадайы хызыны – хъазæнтæ, уæлæдарæс, æрмдæсныйады архайынæн алыхуызон кусæнгæрзтæ, спортивон æрмæг, дыргътæ æмæ адджинæгтæ
Сæрмагонд хæстæ æххæстгæнæг Митын Дада. Уæрæсейы гвардийы кусджытæ ма Ног азы арфæтæ ракодтой сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæ «Ласка» æмæ «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæн. Митын Дадайы хызыны – хъазæнтæ, уæлæдарæс, æрмдæсныйады архайынæн алыхуызон кусæнгæрзтæ, спортивон æрмæг, дыргътæ æмæ адджинæгтæ. Уазджытæ бæрæгбоны æнкъарæнтæ балæвар кодтой, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, стæй фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæн. Аргъæутты хъайтартæ сæ рæстæг арвыстой сабитимæ, ахæм хуызы сын базыдтой, фылдæр цæмæй цух æййафынц, уый. Сывæллæттæ дæр сын се рбацыдмæ бацæттæ кодтой Ног азы бæрæгбон, равдыстой сын се сфæлдыстадон номертæ.
темæмæ гæсгæ




