04 января 2025, 15:28
Уæрæсейы гвардийы мæздæггаг авиацион полчы ацыд æфсæддон хайы 30 азы кадæн мадзал
Æфсæддонтæн арфæ ракæнынмæ æрбацыди сæдæгай адæмтæ
Уæрæсейы гвардийы мæздæггаг авиацион полчы ацыд æфсæддон хайы 30 азы кадæн мадзал. Æфсæддонтæн арфæ ракæнынмæ æрбацыди сæдæгай адæмтæ. Æрымысыдысты авиаполчы хъæздыг историйы цаутæ. Йæ куысты хуыздæр бæрæггæнæнтæ кæмæ ис, уыдоны схорзæхджын кодтой паддзахадон æмæ ведомствæйы хæрзиуджытæй. Минут æдзæмæй алæугæйæ, ссардтой йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмарди, уыдоны рухс ном. Уазджытæ федтой нырыккон авиацион техникæ. Бæрæгбон фæци стыр концертæй.




