филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 суббота, 28 сентября 2024
09 декабря 2021, 12:27
Уæрæсейы гвардийы минæвæрттæ архайдтой донорты акци «Зæрдæйæ зæрдæмæ»-йы

Мадзал ацыдис республикæйы тугдæттыны станцæйы

Уæрæсейы гвардийы минæвæрттæ архайдтой донорты акци «Зæрдæйæ зæрдæмæ»-йы. Мадзал ацыдис республикæйы тугдæттыны станцæйы. Уый размæ та барадхъахъхъæнджытæ ацыдысты дохтырты æркаст æмæ дзуæппытæ радтой анкетæйы фарстатæн. Мадзалы фæрцы туджы банкыл бафтыд дыууадæс литры. Уыйимæ куыд туг, афтæ йæ компоненттæ дæр.  Ведомствæйы республикæйы хайады разамонæг Андрей Трусов куыд загъта, афтæмæй сæ куджытæ зæрдиагæй архайынц ахæм мадзæлтты, туг раттын кæй фæнды, уыдоны нымæц та хаттæй хаттмæ рæзы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania