Баст уыд, ведомствæйы бæрны чи нæй, уыцы хъахъхъæнынады службæйы дæлхайады 72 азы бонимæ
Уæрæсейы гвардийы республикон управленийы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Баст уыд, ведомствæйы бæрны чи нæй, уыцы хъахъхъæнынады службæйы дæлхайады 72 азы бонимæ. Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег, ведомствæйы территориалон управленийы хицау, инæлар-майор Валерий Голота, дæлхайады хицау, пъæлицæйы булкъон Белеккаты Аслан, службæйы кусджытæ æмæ ветерантæ. Уыдон раарфæ кодтой Уæрæсейы гвардийы минæвæрттæн, чи фесгуыхт, уыцы кусджытæн æмæ ветерантæн та саккаг кодтой арфæйы гæххæттытæ æмæ хæрзиуджытæ. Мадзал æххæстгæнгæйæ ма кусджытæн радтой службæйы ног машинæтæй дæгъæлтæ. Кæронбæттæны, минут æдзæмæй алæугæйæ, æрхъуыды кодтой, йæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы кусджыты рухс нæмттæ.




