Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг уыд ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон
Уæрæсейы хъæбатыр Александр Даниловы мурал саив кодта Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы разуынд. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг уыд ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон. Йе фсæддон хæс æххæст кодта Цæцæны республикæйы, стæй Хуссар Ирыстоны 2008-æм азы. 2024-æм азы дæлбулкъон Данилов, йæ фæсномыг «Кремль» – хъахъхъæдта Курскы облæсты хъæу Малая Локня. Уым не мзæххон равдыста стыр хъæбатырдзинад. Йæ фæрцы эвакуацигонд æрцыдысты 30 адæймаджы. Йæ дæлхайад ракодта, æмæ ма уацары райста знаджы хæстонты. Фæстæдæр Александр Даниловы госпиталы бабарæг кодта президент Владимир Путин, æмæ йын фехъусын кодта, Уæрæсейы хъæбатыры ном ын кæй ратдзысты, уый. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн стъалы радта министр Андрей Белоусов. Муралы автор у нывгæнæг, дизайнер æмæ скульптор Гугкаты Темболат. Хъæбатырты сурæттæ ахуыргæнæндæттыл фæзынынц, Иугонд Уæрæсейы партион проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ» æххæст кæнгæйæ.




