26 азы рацыд, Алыксандр куы фæмард, уæдæй
Уæрæсейы хъæбатыр Александр Стыцинæйы рухс ном æрымысыдысты Намысы Аллейæйы. 26 азы рацыд, Алыксандр куы фæмард, уæдæй. Кадджын мадзалы архайдтой 58-æм æфсады службæгæнджытæ, фæсивæды хъуыддæгты æмæ спорты комитеты минæвæрттæ, скъоладзаутæ. Минут æдзæмæй алæууыны фæстæ сæвæрдтой дидинджытæ хъæбатыры цыртдзæвæныл. 18-æм скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты арфæйы æмдзæвгæтæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Дзæуджыхъæуы 18-æм скъола кæй хæссы Александр Стыцинæйы ном. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 1996 азы 58-æм æфсады агурæн-сгарæн хайады хицау Александр Стыцинæ фæмард Цæцæны Первомайскийы хъæу суæгъд кæныны тохы. Уым сæхи æмбæхсынмæ хъавыд Салман Радуевы фыдгæнджыты къорд. Уæрæсейаг булкъон йе фсæддон хæс сæххæст кодта, йæ цард ратгæйæ.