филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:38 суббота, 31 января 2026
19 сентября 2025, 10:36
Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы номарæн турнир фехтованийæ арæзт æрцыди Дзæуджыхъæуы

Архайдтой дзы бæстæйы алы регионтæй командæтæ

Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы номарæн турнир фехтованийæ арæзт æрцыди Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы бæстæйы алы регионтæй командæтæ. Ерыстæ цæуынц 6-æм аз. Ацы турнирмæ Ирыстоны æрæмбырд сты 60 спортсменкæйы Краснодары æмæ Стъараполы крайтæй, стæй Ростовы облæстæй. Турнир у æвзарæн, архайынц дзы 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм кадеттæ. Æрæджы чызджытæ ерыс кодтой хи хыгъды хæрзиуджытæ рамбулыныл, уый фæстæ та  сæ тыхтæ æвзæрстой командæты. Турниры фыццаг бон хуыздæртæ разындысты республикæйы спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уæлахиз сын дæтты республикæйы иугонд командæмæ бахауыны фадат. Хæрзиуджытæ сын радтой Цæгат Ирыстоны фехтованийы президент, Парламенты Депутат Хæдарцаты Аслæнбег æмæ Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьяна Днепровская. Уыдон баныхас кодтой республикæйы фехтованийы рæзты фарстаты фæдыл æмгуыстад кæныныл, стæй фæкæсынхъуаг спортсментæн фадаттæ аразын, спорты ацы хуызы архайынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania