«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы Анна Цивилевæйæн фембæлд уыди сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантимæ, стæй чи фæмарди, уыдоны бинонтимæ дæр
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды сæрдар Анна Цивилева уыди Цæгат Ирыстоны. Йæ кусæг балц райдыдта Беслæны мемориалон компелекс «Зæдты горæт»-æй, бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпитæль дæр. «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы Анна Цивилевæйæн фембæлд уыди сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантимæ, стæй чи фæмарди, уыдоны бинонтимæ дæр. Æрбацæуджыты фылдæр тыхсын кодта æфсæддонты реабилитаци, ветеранты æхсæнадон цардмæ разæнгард кæныны фарстатæ, фонды куысты райрæзт. Уымæй уæлдай, Анна Цивилевайæн фембæлд уыди терактты амæттæгты ассоциаци «Беслæны мадæлты» минæвæрттимæ. Уыдон Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæгмæ радтой адæмы риссагдæр фарстатæ.




