филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:22 суббота, 31 января 2026
11 августа 2021, 11:27
Уæрæсейы хицауад фæрæзтæ радих кæндзæн Черменыхъæуы скъолайы арæзтад кæронмæ фæуынæн

Уый тыххæй фехъусын кодта Михаил Мишустин

Уæрæсейы хицауад фæрæзтæ радих кæндзæн Черменыхъæуы скъолайы арæзтад кæронмæ фæуынæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Михаил Мишустин. Объект у 360 адæймагæн. Арæзтад райдыдта ивгъуыд азы. Цæмæй йæ эксплуатацийы радтой, уый тыххæй ма хъæуы 35 милуан сомы бæрц. Скъола фæнд кæнынц ацы азы кæронмæ бацæттæ кæнын. Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цы æмвæзадыл сты, уый тыххæй Гуытъиаты Алинæйы æрмæг.

Ног ахуыргӕнӕндон куы саразой, уӕд Черменыхъӕуы ӕртыккӕгӕм скъолайы куыст зынгӕ фӕрогдӕр уаид. Скъолайы ис бынат 550 адӕймагӕн, афтӕмӕй дзы ахуыр кӕны мин ӕмӕ сӕдӕ скъоладзауӕй фылдӕр. Ног бӕстыхайы ис ӕртӕ корпусы. Арӕзтад райдыдта ивгъуыд аз, национ проект «Ахуырады» фӕрцы.

Ног скъолайы уыдзӕнис бынат 360 адӕймагӕн. Бӕстыхай сарӕзтой, Ныр та дзы цӕуынц аивгӕнӕн куыстытӕ. Сӕвӕрдтой дуӕрттӕ, рудзгуытӕ, бамбӕрстой бӕстыхайы сӕр, бауагътой электрон тых, стӕй аив кӕнынц алфамбылай территори.

Скъола ис Черменыхъӕуы кӕрон. Уыцы бынат хуымӕтӕджы нӕ равзӕрстой. Хъӕуы хицау Ӕгкацаты Беллӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй ам машинӕтӕ стӕм хатт фендзынӕ. Уымӕй уӕлдай скъоламӕ скӕндзысты фистӕгӕйцӕуӕн фӕндӕгтӕ.

Ныртӕккӕ уал сцӕттӕ сты спортивон ӕмӕ актон залтӕ. Кӕронмӕ ӕрхӕццӕ кӕны хӕрӕндоны арӕзтад дӕр. Ӕрӕвӕрдзысты дзы нырыккон ифтонгарз, стӕй стъӕлттӕ ӕмӕ бандӕттӕ. Проектмӕ гӕсгӕ скъолайы уыдзӕнис дыууӕ парковкӕйы. Иу ахуыргӕнджытӕн, иннӕ та ныййарджытӕн. Уыдзӕнис дзы фӕлладуадзӕн бынат, стӕй футболы быдыр. Скъола дзуапп дӕтдзӕн ӕппӕт домӕнтӕн дӕр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania