филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:16 воскресенье, 01 февраля 2026
20 января 2022, 12:41
Уæрæсейы Хицауады æрныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны коммуналон инфраструктурæйы проекттæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы Мæскуыйы уæвгæйæ, архайдта ацы фарстайы фæдыл æмбырды

Уæрæсейы Хицауады æрныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны коммуналон инфраструктурæйы проекттæ царды куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы Мæскуыйы уæвгæйæ, архайдта ацы фарстайы фæдыл æмбырды. Фембæлд ацыди регионалон рæзты Департаменты директор Василий Анохины разамындæй. Ныхас дзы цыди Алагиры хъармдæттæг системæйы модернизацийыл æмæ Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзтыл. Василий Анохин фæнысан кодта республиткæйæн ацы проектты ахадындзинад, æмæ йын хъæугæ æххуыс кæй цæуы, уый. Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Цæгат Ирыстоны хæстæгдæр рæстæг хъуамæ бацæттæ кæна проектты кæронбæттæн хуызтæ. Æркæсинаг фарстаты радон къæпхæн – фæрæзтæ дих кæныны хъуыддаг. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг федералон æмвæзадмæ цы лыггæнинаг фарстатæ рахаста, уыдонæн ис стратегион нысаниуæг, æмæ бузныг загъта федералон ведомствæты минæвæрттæн сæ алывæрсыг æххуысы тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania