Йæ фæрцы Цæгат Ирыстоны доны хæдзарады системæйы уавæр зынгæ фæхуыздæр уыдзæн
Уæрæсейы Хицауады коммуналон къабаз банывыл кæныны фæлварæн проект адарддæр кодтой 2027-æм азмæ. Йæ фæрцы Цæгат Ирыстоны доны хæдзарады системæйы уавæр зынгæ фæхуыздæр уыдзæн. Проектмæ гæсгæ арæзт цæуы иумæйаг регоператор æмæ, экономикон бындур кæмæн ис, ахæм тарифтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ацы лабораторийыуылты цæуы горæты æппæт нуазгæ дон. Йæ хæрзхъæддзинад бæлвырд кæнынмæ стыр æргом здæхт цæуы. Цæмæй дон æппæт домæнтæн дзуапп дæтта, уый тыххæй пайда кæнынц ног технологитæй. Лаборатори æххæст у нырыккон кусæнгæрзтæй. Доны хæдзарады системæ фæхуыздæр кæнынæн бæстæйы Хицауад бакуыста коммуналон къабазы стабилизацийы мадзæлттыл. Се *хсæн – иумæйаг регоператор саразын æмæ сфидар кæнын, экономикон бындур кæмæн уыдзæн, ахæм тарифтæ. Пилотон проект нысангонд уыд 2024-æм азмæ. Фæлæ рахастой, адарддæр æй кæныны уынаффæ.
Цалцæггæнæн куыстытæ, донæй æмæ хъармæй æххæст кæныны системæйы модернизаци. Федералон бюджеты фæрæзтæ ацы хъуыддæгтыл хардзгонд цæудзысты. Пилотон проекты фæрцы фæнд кæнынц, профилон куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайд банывыл кæнын.
Пилотон проекты ма Цæгат Ирыстонимæ архайынц Дагестан æмæ Мæхъæлы республикæ. Æххуысы мадзæлттæ бæстæйы Хицауад фæнд кæны 2027-æм азмæ адарддæр кæнын.




