филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:19 воскресенье, 29 сентября 2024
18 марта 2020, 12:26
Уæрæсейы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, абонæй фæстæмæ нæ бæстæмæ нал уаддзысты фæсарæйнаг бæлцæтты

Уый баст у, дунейы коронавирус кæй апарахат, уыимæ

Уæрæсейы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, абонæй фæстæмæ нæ бæстæмæ нал уаддзысты фæсарæйнаг бæлцæтты. Уый баст у, дунейы коронавирус кæй апарахат, уыимæ. Бардзырд ахæсдзæнис фыццæгæм маймæ. Бафиппаинаг у, уыцы уынаффæ кæй нæ хауы уæзласæн машинæты шофыртæм, дипломаттæм, æмæ æдзух Уæрæсейы чи цæры, уыцы адæммæ. Уымæй уæлдай,  арæны сæрты ахизыны бар уыдзæнис поездтæн æмæ денджызон наутæн. Уæрæсейы Хицауады премьер Михаил Мишустин куыд загъта, афтæмæй уыцы мадзæлттæ дзуапп дæттынц æнæниздзинадхъахъхъæнынады æппæтдунеон организацийы домæнтæн æмæ сты рæстæгмæ. Ацы  æмæ æндæр фарстатыл куыд  цæуы куыст нæ республикæйы, уый тыххæй радзурдзæн  Сосранты Жаннæ.

УФ хицауады уынаффæмæ гæсгæ короновирусы аххосæй рынчыны гæххæт фыст  цæудзæн сæрмагонд уагæвæрдмæ гæсгæ. 5 боны дæргъы рынчын хъуамæ йæ уавæры тыххæй фехъусын кæна социалон фæдзæхстады фондмæ æмæ йын сæ 10 бонмæ   бафитдзысты.

Ныр та уал республикæйы социалон фæдзæхстады Фонд алы бон æмбырд кæны статистикон бæрæггæнæнтæ æмæ сæ æрвиты сæ разамындмæ. Уыцы рæстæг  æххæст кæны санитарон нормæтæ. Алы сахат дæр бæстыха мидæгæй цæуы дезинфекци.

Фонды разамонæг Айларты Зæлинæйы уынаффæмæ гæсгæ кусытуатмæ æрбацæуæг адæмимæ кæнынц æмбарынгæнæн ныхас, Кæсынц ахсджиагæй кæй хъæуы сæ лæггад уыдонмæ æмæ сæ комкоммæ бакæнынц хъæугæ кабинетмæ. Ныртæккæ ма æнхъæлмæ кæсынц адæймаджы буары тæвд барæнтæм – тепловизортæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania