Уым арæзт æрцæудзæн олимпаг хъæзтыты размæ кæронбæттæн æмбырд
Уæрæсейы иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй абалц кодта Мæскуымæ. Уым арæзт æрцæудзæн олимпаг хъæзтыты размæ кæронбæттæн æмбырд. Тренировкæтæгæнæн базæ ис Владивостокы. Уым спортсментæ райсдзысты официалон экипировкæ. Национ иугонд командæйы хыгъды ис 3 цæгатирыстойнаг минæвары: Сидахъаты Зауырбег, Найфонты Артур æмæ Козырты Сергей.
Спортивон дунейы æппæты сæйрагдæр цаумæ ацæуыны размæ, фæстаг бон Сидахъаты Зауырбег сфæнд кодта тренировкæтæ кæнгæйæ арвитын. Олимпаг хъæзтыты дунейы дыууæ хатты чемпион йæ размæ сæвæрдта хæс – зæххы къорийы тыхджындæры ном райсын. Ахæм бæрæггæнæнмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц йæ хæлæрттæ дæр иугонд командæйæ.
Сидахъаты Зауырбегимæ спортивон ерыстæм ацæудзысты Найфонты Артур æмæ Козырты Сергей дæр. Сæ балцы размæ сын радтой фæлладуадзæн бон, знон та иугонд командæйы æппæт уæнгтæ атахтысты Мæскуымæ, уым райсдзысты экипировкæ, æмæ сæ фæндаг акæндзысты Владивостокмæ. Артур æмæ Сергеймæ стыр турнирты архайыны фæлтæрддзинад нырма бирæ нæй. Фæлæ сыл æвæрынц стыр ныфсытæ.
Олимпаг хъæзтыты Цæгат Ирыстоны кад спорты 5 хуызы хъахъхъæндзысты 8 спортсмены. Ахæм уæрæх дисциплинæты хуызты нырма не мзæххонтæ никуы архайдтой. Ныр та сæм æнхъæлмæ кæсы спортуарзджыты зæрдæтæ сæ уæлахизтæй рухс кæнын.
Японийы Олимпаг хъæзтытæ байгом уыдзысты 23-æм июлы. 24-æмы спортсментæ архайдзысты майданты 11 комплекты рамбулыныл.




