филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:11 вторник, 16 декабря 2025
23 июля 2024, 11:37
Уæрæсейы либералон-демократон партийы цæгатирыстойнаг хайады кадджын уавæры радтой партийы майдантæ «Сæрмагонд æфсæддон операцийы æххуысы тыххæй»

Хæрзиуджытæ саккаг кодтой, фронтæн æххуысы хъуыддагмæ сæрмагонд æвæрæн чи бахаста, уыцы æхсæнадон æмæ патриотон организациты разамонджытæн, республикæйы зæрдæхæлар цæрджытæн

Уæрæсейы либералон-демократон партийы цæгатирыстойнаг хайады кадджын уавæры радтой партийы майдантæ «Сæрмагонд æфсæддон операцийы æххуысы тыххæй». Хæрзиуджытæ саккаг кодтой, фронтæн æххуысы хъуыддагмæ сæрмагонд æвæрæн чи бахаста, уыцы æхсæнадон æмæ патриотон организациты разамонджытæн, республикæйы зæрдæхæлар цæрджытæн. Уыдон гуманитарон æххуыс æмбырд кодтой, æрвыстой маскировкæгæнæн хызтæ, æфсæддонты цы хъæуы, ахæм дзаумæттæ, сæхæдæг цыдысты хæстон цауты зонæмæ, цæмæй салдæтты зæрдæтæ барухс кæной. Майдантæ райстой либералон-демократон партийы цæгатирыстойнаг хайады координатор Бестауты Сосланы къухтæй. Ацы хъуыддаг æххæстгонд æрцыд Партийы сæрдар Леонид Слуцкийы хъæппæрисæй. Фембæлды ныхас цыд, фронты хæстонтæн æххуысæн  цы куыст æххæстгонд æрцыд, æмæ ма цавæр фæндтæ ис, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania