19 июня 2024, 11:39
Уæрæсейы маргъдарæн къабазы райрæзтыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды
Арæзт æрцыд хæххон паддзахадон аграрон университеты
Уæрæсейы маргъдарæн къабазы райрæзтыл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Арæзт æрцыд хæххон паддзахадон аграрон университеты. Архайдтой дзы республикæйы профилон ведомствæты æмæ кусæнуæтты минæвæрттæ, сыхаг регионтæй уазджытæ. Мадзалы кадджын уазæг сси маргъ дарыны Æппæтуæрæсеон наукон-иртасæн æмæ технологон институты разамонæг, маргъ дарыны Уæрæсейаг цæдисы президент, профессор Владимир Фисинин. Уый раныхас кодта докладимæ. Радзырдта дзы дунейы æмæ нæ бæстæйы маргъ дарыны къабазы инновацион райрæзты стратегийы тыххæй нырыккон къæпхæны. Профессор куыд загъта, афтæмæй Цæгат Кавказы республикæтæм хъуамæ уа сæрмагонд ахаст, æмæ къабазы райрæзтыл кусын регионы экологон хицæндзинæдтæ хынцгæйæ.
темæмæ гæсгæ