филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:51 воскресенье, 01 февраля 2026
02 декабря 2022, 11:42
Уæрæсейы национ гвардийы службæгæнджыты сывæллæттæ раарфæ кодтой сæ ныййарджытæн мады бæрæгбоны фæдыл

Лæппутæ æмæ чызджытæ æнæнхъæлæджы æрбацыдысты сæ мадæлтæм сæ куысты бынæттæм, бацæттæ сын кодтой æхсызгон лæвæрттæ

Уæрæсейы национ гвардийы цæгатирыстойнаг Управленийы æмæ дзæуджыхъæуккаг ведомствойы службæгæнджыты сывæллæттæ раарфæ кодтой сæ ныййарджытæн мады бæрæгбоны фæдыл. Лæппутæ æмæ чызджытæ æнæнхъæлæджы æрбацыдысты сæ мадæлтæм сæ куысты бынæттæм, бацæттæ сын кодтой æхсызгон лæвæрттæ: нывтæ, æмдзæвгæтæ æмæ дидинджытæ. Бæрæгбоны арфæтæм се вæрæн бахастой сæ цардæмбæлттæ дæр. Прапорщик Юлия Реймер йе нкъарæнтæ раргом кæнгæйæ, загъта – йæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыд йæ чызджы зæрдиаг лæвар. Уæвгæ, алы адæймагæн дæр йæ ныййарæг мадæй зынаргъдæр ничи ис. Алы бон дæр сты зæрдæбын хъарм ныхæсты аккаг. Уæлдай бузныг та сæ стæм, цард нын кæй балæвар кодтой, кæй ныл аудынц, æмæ нæ раст фæндагыл аразыныл кæй  архайынц, уый тыххæй, – загъта Уæрæсейы гвардийы территориалон управленийы хицауы хæдивæг, пъæлицæйы булкъон Дзгойты Юрий.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania