12 января 2024, 11:14
Уæрæсейы ныртæккæ уыцы-иу рæстæг парахат кæнынц 3 вирусы – ковид-19, грипп æмæ æхснырсæг
Профилон ведомтсвæты куыд загътой, афтæмæй арæхдæр низ ацæуы рог хуызы, уæззау уавæры йæ фæнысан кодтой 4 проценты бæрц рынчынтæм
Уæрæсейы ныртæккæ уыцы-иу рæстæг парахат кæнынц 3 вирусы – ковид-19, грипп æмæ æхснырсæг. Ахæм фæзынд хуыйны тридемия. Адæймаджы организммæ гæнæн ис, æмæ бахауой 3 инфекцийы дæр, фæлæ низмæ расайдзæн уыдонæй иу. Вирусты симптомтæ æнгæс сты. Хауы сæм буары тæвд, хуыфт, æхснырсæг, иумæйаг хъæрзгæ уавæр. Ныртæккæ республикæйы уавæр у рæстæмбис, хъус æм дарынц фæлхасадмæ цæстдарды управлени æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад. Профилон ведомтсвæты куыд загътой, афтæмæй арæхдæр низ ацæуы рог хуызы, уæззау уавæры йæ фæнысан кодтой 4 проценты бæрц рынчынтæм.
темæмæ гæсгæ