филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:14 среда, 17 декабря 2025
14 июня 2024, 12:43
Уæрæсейы президент Владимир Путин Федералон æмбырдмæ ныстуаны фехъусын кодта закъонæвæрынадмæ цалдæр ивддзинады тыххæй

Сæ иуы тыххæй æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны Парламенты æмбырды

Уæрæсейы президент Владимир Путин Федералон æмбырдмæ ныстуаны фехъусын кодта закъонæвæрынадмæ цалдæр ивддзинады тыххæй. Сæ иуы тыххæй æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны Парламенты æмбырды. Фыццаг фарста баст уыд Бюджетон кодексмæ ивддзинæдтимæ. Бæстон доклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег. Бюджеты, хъалонты, исбоны æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар куыд фехъусын кодта, афтæмæй закъоны проектмæ гæсгæ, регионты хæстæ рацараздзысты. Ивддзинæдтæ хаудзысты хицæн адæммæ дæр. Фарстатæй иу та баст уыд Хъалонты кодексмæ ивддзинæдтимæ. Депутаттæ рахæцыдысты федералон закъоны фарс. Ныхас ма цыд, дыууæ, кæнæ фылдæр сывæллоны бинонты ныййарджытæн æрвылазон фиддоныл дæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania