филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
30 июня 2021, 14:54
Уæрæсейы рекордты чиныг та фæфылдæр Ирыстоны æнæбафæзмгæ хъуыддагæй

Ацы хатт æм хаст æм æрцыд æнæхъæн мыггаг

Уæрæсейы рекордты чиныг та фæфылдæр Ирыстоны æнæбафæзмгæ хъуыддагæй. Ацы хатт æм  хаст æм æрцыд æнæхъæн мыггаг.  Цавæр, æмæ цæй тыххæй, уый базыдта Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Уæрæсейы бирæ мыггæгтæ ис, хистæр кары адæм кæмæ ис, ахæмтæ. Фæлæ Цæгат Ирыстоны цæрæг Мæрзойты бинонты уыцы иу рæстæг цас хистæр кары адæм цæры, уыйас никæцы мыггаджы ис нæ Бæстæйы. Уыцы æнтыстдзинад сфидар кодтой Уæрæсесейы рекордты чиныджы. Се ппæтыл дæр цæуы 90 азæй фылдæр.

Æрæфы районы цæрæг Мæрзойты хистæртæй рекордты чиныгмæ хаст ци æрцыд, уыдонæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуыты Омар æмæ  ацы æрхъуыдыйы хицау Мæрзойты Олег. Мæрзойты-Бетанты  Райæ ацы хабарыл  зæрдиагæй бацин кодта. Куыд зæгъы, афтæмæй кæстæрты æрхъуыдыдзинадæн адæймаджы уды аргъ нæй.

Куыд Райæ, афтæ Рекордты чиныджы номхыгъдмæ хаст чи æрцыд, уыдон иууылдæр царды зындзинæдтæн фæразон разындысты. Мæрзойты Зойæ Фæснæлы хъæуы цæры 70 азæй фылдæр.

Райæ æмæ Зойæ  кæд Мæрзойтæн сæ чындзытæ сты, уæддæр сын сæ мыгггаг хæссынц сæрыстырæй æмæ  абон сæ азты фæллойæн кад конд æрцыд. Бирæ хорз ныхæстæ ракодтой, Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахæссыны фæндон кæмæ сæвзæрд æмæ сæ чи бабæрæг кодта, уыцы адæмæн.

Æрæфы районы администрацийы сæрдар Лагкуыты Омар æмæ Мæрзойты Олег лæвæрттимæ сæмбæлын кодтой ацы хистæртыл æвдисæндар. Райæ æмæ Зойæйы ныхæстæм гæсгæ ацы æрбацыд сын сæ зæрдæтæн балæвар кодта рæсугъд æнкъарæнтæ.

Афтæмæй та Ирыстоны минæвæртты нæмттæ хаст æрцыдысты ацы кадджын чиныгмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania