Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд бинонты æппæтуæрæсеон парад «Уæрæсе – бинонты бинонтæ»
Уæрæсейы сбæрæг кодтой бинонты, уарзондзинады æмæ æууæнкдзинады бон. Баст у Муромаг сыгъдæг къниæзтæ Петр æмæ Февронияйы рухс нæмттимæ. Уый кадæн Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд бинонты æппæтуæрæсеон парад «Уæрæсе – бинонты бинонтæ». Мадзал райдыдта аргъуыдæй. Сарæзта йæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим. Уый фæстæ Хетæгкаты Къостайы номыл парчы уыд бæрæгбоны концерт. Уæвгæ, сыгъдæг Муромаг Петр æмæ Феврония сты бинонты æууæнкдзинады ирд дæнцæг. Сæ рухс нæмттæ æвæрд сты æппæтуæрæсеон бинонты бындуры. Нæ республикæйы бинонтæн ис стыр æмæ ахадгæ нысаниуæг. Уый у, æнусты дæргъы удварны хæзнатæ æмæ культурон традицитæ хæссæг æхсæнады бындур, – загъта вице-премьер Платы Альбинæ. Кадджын цыды ма архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон организаци «Бирæсывæллонджын бинонты иугонд»-ы, Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг епархийы, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады, мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты Комитеты минæвæрттæ.
