филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:52 понедельник, 01 июля 2024
03 марта 2022, 13:54
Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады 250 активисты райстой волонтерты æвдисæндартæ

Ацы азы райдианæй бархионтæ баххуыс кодтой 18 акцийы саразыны хъуыддаджы

Уæрæсейы скъоладзауты змæлды цæгатирыстойнаг регионалон хайады 250 активисты райстой волонтерты æвдисæндартæ. Ацы азы райдианæй бархионтæ баххуыс кодтой 18 акцийы саразыны хъуыддаджы. Се хсæн – Ног азы бæрæгбон æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæнджы бон. Волонтерты æвдисæндартæ ахуырдзаутæн баххуыс кæндзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны рæстæг, стæй уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуыны хъуыддаджы. Уымæй дарддæр 28 активисты бацархайдтой конкурс «Æвзонг бархионы». Уым се ппæты размæ рахастой сæ социалон проекттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania