филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:26 суббота, 31 января 2026
30 декабря 2025, 12:10
Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты хуыздæр кадетон кълас ис Мæскуыйы кæнæ Санкт-Петербурджы нæ, фæлæ Алагиры

2-æм скъолайы ахуырдзаутæ рамбылдтой æппæтуæрæсеон турнир

Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты хуыздæр кадетон кълас ис Мæскуыйы кæнæ Санкт-Петербурджы нæ, фæлæ Алагиры. 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ рамбылдтой æппæтуæрæсеон турнир. Фæуæлахиз сты æппæтæй тыхджындæр ныхмæлæуджытыл. Сывæллæттæ систы хуыздæртæ æппæт бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Слестгæнæн комитеты кадетон къласы ахуырдзаутæ сæйраг ахуырадон процессæй фæстæмæ ма архайынц уарзон професси ахуыр кæныныл. Цоколаты Хетæджы æмæ Цыбырты Камиллæйы фæнды сæ цард барадхъахъхъæнæн архайдимæ сбæттын. Куыд зæгъынц, афтæмæй профилон ахуырады фæрцы зонгæ кæнынц фидæны дæсныйадимæ.

Слестгæнæн хъуыддаджы ахуыртæ сывæллæттæм вæййынц сæйраг урочыты фæстæ. 4 сахаты дæргъы фæахуыр кæнынц уголовон хъуыддаг, психологи, криминалистикæ æмæ æндæр предметтæ. Скъоладзаутæн сæ амонынц Уæрæсейы слестгæнæн комитеты слестгæнæн цæгатирыстойнаг управленийы кусджытæ. Слестгæнæн управленийы сæйраг хæстæй ма иу у рæзгæ фæлтæры патриотон хъомылад. Кадеттæн куыд æмбæлы, афтæ архайынц алыхуызон патриотон мадзæлтты. Алкæцымæдæр лæмбынæг фæцæттæ кæнынц.

Ацы аз къласы хъомылгæнинæгтæ архайдтой æрвылазон конкурсы «Уæрæсейы Федерацийы Слестгæнæн комитеты хуыздæр профилон кадетон кълас». Уæлахиздзауты æвзæрстой бæлвырд домæнтæм гæсгæ. Хатдзæгтæм гæсгæ Алагиры 2-æм скъолайы кадетон кълас бацахста 1-аг бынат. Алы критеримæ гæсгæ дæр равдыста бæрзонд бæрæггæнæнтæ. Къласы разамонæг æмæ ахуыргæнджытæ сæрыстыр сты ахæм æнтыстдзинадæй.

Сывæллæттæ дæр æнæмæнг райгонд сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын æхсызгон у, сæ фæллойæн ахæм бæрзонд аргъ кæй скодтой, уый.

Ацы æнтыстдзинад фидæны слестгæнджыты разæнгард кæны ног бæрзæндтæм хизынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania