28 декабря 2022, 11:40
Уæрæсейы социалон фонд ног азæй фæстæмæ райдайдзæн иумæйаг фиддонтæ фидын
Сæрмагондæй сывæллæттæн æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæн
Уæрæсейы социалон фонд ног азæй фæстæмæ райдайдзæн иумæйаг фиддонтæ фидын. Сæрмагондæй сывæллæттæн æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæн. Ног фиддон иысыны бон уыдзæн, хыгъды чи слæууыд, ахæм сылгоймæгтæн, стæй 17 азы онг сывæллæттæ кæмæн ис, ахæм ныййарджытæн. Иумæйаг фиддон баиу кæндзæн цалдæр социалон æххуысы мадзалы, фæкæсынхъуаг бинонтæн. Сæйрагдæр у, цæмæй ахæм бинонты æфтиаг, иу адæймагæн цæрынæн æппынкъадæры регионалон æмвæзадæй уа къаддæр. Пособийы бæрц уыдзæн 50; 75 кæнæ 100 проценты нысангонд бæрцæй. Фæрæзтæ фиддзæн Уæрæсейы Социалон фонд. Уый кусын райдайдзæн 2023-æм азы январæй фæстæмæ.
темæмæ гæсгæ




