11 января 2023, 11:30
Уæрæсейы социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæгæй снысан кодтой Таболты Сергейы
Уый размæ та разамынд лæвæрдта пенсион фонды регионалон хайадæн
Уæрæсейы социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæгæй снысан кодтой Таболты Сергейы. Уый размæ та разамынд лæвæрдта пенсион фонды регионалон хайадæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – фыццæгæм январæй фæстæмæ йæ куыст райдыдта Уæрæсейы Социалон фонд. Ног ведомствæ баиу кодта пенсион фонд æмæ социалон фæдзæхстады фонд. Рацарæзтмæ гæсгæ, пенситæ, социалон фиддонтæ æмæ æндæр лæггæдты хуызтæ нысан кæныны фæтк ивд не рцæудзæнис. Дыууæ ведомствæйы цы лæггæдтæ лæвæрдтой, уыдон баиу кодта Социалон фонд. Райсæн сæ уыдзæнис иу ран. Бафиппаинаг у уый дæр, æмæ цæрджытæ фиддонтæ исдзысты раздæры æмгъуыдтæм гæсгæ, æнæкъуылымпыйæ.
темæмæ гæсгæ




