филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:16 вторник, 16 декабря 2025
26 марта 2014, 11:51
Уалдзæджы ралæудимæ сæ тæмæны бацыдысты быдырон куыстытæ

Цалынмæ хъарм бонтæ хæссынц, уæдмæ зæхкусджытæ дæр тæккæ райсомæй вæййынц быдыры. Ныры онг уал Цæгат

Уалдзæджы ралæудимæ сæ тæмæны бацыдысты быдырон куыстытæ
Уалдзæджы ралæудимæ сæ тæмæны бацыдысты быдырон куыстытæ. Цалынмæ хъарм бонтæ хæссынц, уæдмæ зæхкусджытæ дæр тæккæ райсомæй вæййынц быдыры. Ныры онг уал Цæгат Ирыстоны картоф ныссагътой сæдæ фынддæс гектарыл. Æмтгæй райсгæйæ та нысан кæнынц 9 мин гектары ныссадзын. Фылдæр фæзуæттæ сты Рахизфарсы районы. Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй иннæ культурæтæ дæр байтаудзысты парахатæй. Ис сæм мыггæгтæ, минералон хъацæнтæ æмæ артаг. Министрады ма арæзт æрцыд, æппæт организацион фарстатæн дзуапп чи деты, ахæм координацион штаб.

Механизатор Юрий Журба йæ фæллойы азтæм цал гектары бахуым кодта, æмæ ныссагъта, уый йæхицæн дæр зын зæгъæн у. Трактористæй кусы 16 аздзыдæй нырмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы дæсныйад равзæрста йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Алы тауæнты рæстæг дæр куыстмæ фæцæуы, куыд бæрæгбонмæ. Тауæнты, алы хорз бонæй дæр фæхъæуы спайда кæнын. Зæхкусджыты куысты фæтк фæкъуылымпы кæны къæвда. Трактор æрлæууы, æрмæстдæр мыггаг кæнæ хъацæнтæй техникæ байдзаг кæнынымæ. Цæгат Ирыстоны ныридæгæн картоф байтыдтой 115 гектары. Ацы хъуыддаджы республикæйы раззагдæр у Рахизфарсы район. Æмтгæй райсгæйæ та Ирыстоны картоф садзын фæнд кæнынц 9 мин гектары. Уый фаг у бынæттон базарад продукцийæ сифтонг кæнынæн, фидæнмæ дзы мыггаг ныууадзын æмæ иннæ регионтæм ауæй кæнынæн.

Туаты Зелимхан, Рахизфарсы районы хъæууон хæдзарады управленийы сæйраг специалист: «Картоф садзæм цалдæр агрегатæй, хъацæнтæ йæм æфтауæм, æмæ афтæмæй».

Уæдæ иннæ культуртæ тауынмæ дæр зæхх дарддæр цæуы хуымгонд. Рахизфарсы районы зæххытæй æнæкуыстæй ницы баззайы, уый у ацы къабазы специалистты сæйраг нысан.
Туаты Зелимхан, Рахизфарсы районы хъæууон хæдзарады управленийы сæйраг специалист: «Зæххытæ чи нæ кусы, уыдоны кæнынц ивар. Стæй сын сæ зæххытæ байсынц, æмæ сæ æндæртæн раттынц».

Республикæйы хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæ цæттæ сты алы хъуыддагæй дæр. Фаг сæм ис мыггаг, минералон хъацæнтæ, артаг. Ведомствæйы ис координацион штаб, йæ уæнгтæ сæ цæст дарынц уалдзыгон – быдырон куыстытæм.

Тотраты Олег, РЦИ–Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг: «Абоны онг алцæмæйдæр стæм æххæст. Куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ».

Быдырты сæйрагдæр культурыл уæддæр нымад у нартхор. Дыккаг бынаты – мæнæу æмæ хъæбæрхор. Мæздæджы районы тауæнтæ райдыдтой дыууæ къуырийы раздæр. Хæдзарæдтæ 600 гектарыл байдыдтой хъæбæрхор. Ныр та кæнынц сысджы, хохаг хъæдуры куыст.

Касаты Наира

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania