филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:36 понедельник, 01 июля 2024
03 марта 2022, 13:59
Уалдзæджы ралæуд, уæлдайдæр та 8-æм мартъи адæймаджы зæрдæйы гуырын кæны ирд æмæ æхсызгон æнкъарæнтæ

Бæрæгбоны сылгоймæгтæн сæ зæрдæ барухс кæнынц дидинджытæй

Уалдзæджы ралæуд, уæлдайдæр та 8-æм мартъи адæймаджы зæрдæйы гуырын кæны ирд æмæ æхсызгон æнкъарæнтæ. Бæрæгбоны сылгоймæгтæн сæ зæрдæ барухс кæнынц дидинджытæй. Фæлæ ацы аз, гæнæн ис, æмæ уыцы традици фæкъуылымпы уыдзæн. Тæссаг у, тюльпантæ æмæ уардитæ æндæр бæстæтæй бæрæгбонмæ дуканиты тæрхæджытæм куы нæ рбаласой, уымæй. Йæ аххосаг Уæрæсейы уæлдæфон транспортæн Европæйы уæлдæфон тыгъдад æхгæд кæй æрцыд, уый. Касаты Наирæ – бæлвырддæр.

Адæймагæн, уæлдайдæр та сылгоймæгтæн 8 мартъийы æнкъарæнтæ баст сты дидинджытимæ. Нæлгоймæгтæ фылдæр цы дидинджытæ лæвар кæнынц, уыдоны хсæн уардитæ, нарцисстæ æмæ фрейзийæ.Фæлæ ацы хатт, гæнæн ис æмæ сылгоймæгтæ сæ бæрæгбоны баззайдзысты æнæ дидинджытæй дæр. Тæссаг у, дуканитæм сæ куы нæ рбаласой, уымæй. Дидинджытæ уæйгæнджытæ тæрсынц, тюльпантæ æмæ уардитæ Нидерландтæй, Голландийæ æмæ Эквадорæй бæрæгбонмæ дуканиты тæрхæджытæм не рбаласдзысты, зæгъы, флорист Руслана Ларина. Уæрæсейаг дуканитæм цы дидинджытæ ласынц, уыдонæн се 80% сты импорты продукци. Ацы уавæры аххосаг не ппæт дæр зонæм. Уæрæсейы хæдтæхджытæн Европæйы уæлдæфон тыгъдад æхгæд кæй æрцыд, уæдæ арæнты уавæр дæр у дыууæйыл. Гыццыл партитæ уæддæр райстой, фæлæ сомы аргъ кæй ивы, уый фæзынди продукцийы аргъыл дæр.

Тюльпантæн тæссаг у, стæм товар суæвынæй. Бынæттон продукци ныртæккæ фаг нæу тæрхæджытæ сифтонг кæнынæн. Уалдзæджы символтæй иуыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ та йæ фæлхасгæнæг арæх агуры.

Экспертты ныхæстæм гæсгæ, дидинæджы куыст кæныны къабазæн фæстаг азты æнцон рæстæджытæ не скодта. Тæссаг ын у куы бамынæг уа, уымæй. Уæйгæнджытæ тыхсынц, фæсарæнтæй ласт дидинджыты куыст кæнын ныртæккæ пайда кæй нæу, уый тыххæй.

Дидинджыты паддзах, афтæ хонынц уарди. Æхгæд бынæтты йæ парахат кæнынц нырыккон ныгуылæн технологитæм гæсгæ, æмæ фыццаг аз нæ. Джызæлы хорз сахуыр сты голландиаг уардийы 30 хуызы зайын кæныныл. Ноджыдæр ма тюльпантæ, гвоздикæ, эустома, альстромерийæ.

Нырыккон хъæрмуаттæ куыстыты сæйраг хай исынц сæхимæ. Автономон системæтæ фæстауæрц кæнынц рæстæг æмæ фæрæзтæ дæр, уый та хорзырдæм зыны продукты кæронбæттæн аргъыл.

Ирд ахорæнтæ, даргъ æмæ фидар хъæд, стыр дидинджытæ, фæсарæнтæй ласт дидинджытæ адæм уый тыххæй уарзынц. Абон бынæттон продукт æвзæрдæр нæу.

Нырыккон ивддзинæдтæ флористикæйы бизнесыл нæ фæзындаиккой, дидинджыты гыццыл фермæтæ куы нæ уыдаиккой, уæд, зæгъы Музаты Сергей. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у агроном, æмæ йæ бафæндыд дидинджыты куыст кæнын райдайын. Уый, æрмæст дидинджытæм уарзондзинады тыххæй нæ, фæлæ йæм цымыдисаг касти адæмæн рæсугъддзинад лæвар кæнын, æмæ сын сæ зæрдæтæм аив æнкъарæнтæ хæссын.  Клиенттæ сбирæ сты социалон хызты фæрцы. Дидинджыты хуызтæ йæм бирæ кæй ис, уымæ та се ргом раздæхтой æппæт бæстæйы профессионалон дизайнерон-флористтæ. Уыцы куыст чи кæны, базарады ахæм адæм бирæ нæй. Фæлæ уый ууыл дзурæг нæу, æмæ æргътæ барвæндонæй уæлæмæ цæуой, зæгъы Сергей.

Абон бæрæг у, дидинджытæ кæй фæзынаргъдæр уыдзысты, уый у æнæмæнг. Нырма бæрæг нæу, кæцæй сæ ласынц, уыцы бæстæтимæ æмгуыстад куыд рауайдзæн, уый. Ивддзинæддтæ уыдзæн… Фæлæ фидæны уæрæсейаг базарады фыдлæр уыдзæн бынæттон продукци, зæгъынц эксперттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania