филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:29 среда, 17 декабря 2025
25 февраля 2014, 17:25
Уалдзыгон быдырон куыстытæм цæттæдзинады фарстатыл бæстон ныхас уыд республикæйы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады

Ивгъуыд азы хоры тыллæг рауад бæрзонд, æдæппæтæй сæмбырд кодтой 700 мин тоннæйы. Уыимæ министр Засеты Роберт уæлдай стыр æргом раздæхта халсарты куыст парахат кæнынмæ, цæмæй Ирыстоны цæрджытæн фылдæр фадат уа хи продукци æлхæнынæн. Фарон зæхкусджытæ райстой ахадгæ паддзахадон æххуыс.

Уалдзыгон быдырон куыстытæм цæттæдзинады фарстатыл бæстон ныхас уыд республикæйы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады.

Ивгъуыд азы хоры тыллæг рауад бæрзонд, æдæппæтæй сæмбырд кодтой 700 мин тоннæйы. Уыимæ министр Засеты Роберт уæлдай стыр æргом раздæхта халсарты куыст парахат кæнынмæ, цæмæй Ирыстоны цæрджытæн фылдæр фадат уа хи продукци æлхæнынæн. Фарон зæхкусджытæ райстой ахадгæ паддзахадон æххуыс. Ныр дæр уалдзыгон быдырон куыстытæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ æмæ сæ республикæйы хъæууон хæдзарады министрад цæттæ у байуарынмæ, хæдзарæдтæ хъæугæ гæххæттытæ куы равдисой, уæд. Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банк дæр уалдзыгон куыстытæн дæтты кредиттæ, ацы аз банчы фадæттæ дæр сты уæрæхдæр. Фарон кредиттæ радтой 1,5 миллиард сомы, ацы аз нысан кæнынц раттын 2,5 миллиарды. Уалдзыгон быдырон куыстытæ цæмæй афоныл æмæ æнæ къуылымпыдзинæдтæй ацæуой, уый тыххæй хъæууон хæдзарады министрад æмбырдтæ скæндзæн алы районы дæр. Республикæйы хуымгæнды иумæйаг фæзуат у 180мин гектары, уыдонæй 39 минмæ ‘ввахс æрцахста фæззыгæнд. Иннæ хуымтæ та хъуамæ байтауой уалдзæджы.

Засеты Роберт, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр: «Фылдæр фарстатæ нæ министрадмæ ис, цæмæй халсарты куыст парахатдæр кæнæм, æмæ æндæр рæттæй къаддæр ласæм. Зæххыты тыххæй ис федералон закъон. Зæхх кæмæ ис, æмæ йæ чи нæ кусы, уыдоны ивар кæндзысты. Уыйбæрц бирæ зæххытæ нæм нæй, æмæ сæ ма кусæм. Нæ республикæйы хицауадæй дæр ахæм уынаффæ ис, цæмæй иу метр дæр æнæ куыстæй ма баззайа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania