филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 понедельник, 15 декабря 2025
06 августа 2024, 12:05
Уарзиаты Æхсарбег хæххон цæугæдоныл сарæзта чысыл гидроэлекстростанцæ

Æмбырд æй кодта 2 азы, лæггад та йын кæны дыууын азæй фылдæр

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та у Джимарайы цæрæг Уарзиаты Æхсарбег. Хæххон цæугæдоныл сарæзта чысыл гидроэлекстростанцæ. Æмбырд æй кодта 2 азы. Лæггад та йын кæны дыууын азæй фылдæр. Ныр Æхсарбеджы фæндты ис, ГЭС-ы куыст фæахадгæдæр кæнын. Æрхъуыдыгæнæнджы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æмæ афтæ 22 азы. Хæххон хъæу Джимарайы цæрæг Уарзиаты Æхсарбег хи хъарутæй скодта чысыл-гидроэлетростанцæ. Ацы хъуыды йæм æрцыд, æрыгон лæппу уæвгæйæ. Æхсарбег хъуыды кæны, сывæллон куы уыди, уæд йæ райгуырæн хъæуы уыд бирæ куыройтæ. Уыдон дæр куыстой хæххон цæугæдоны энергийæ. Йæ хъуыды царды рауадзынмæ нæлгоймаг бавнæлдта 2 минæм азы.

Профессионалон зонындзинæдтæ Уарзиаты Æхсарбегмæ нæ уыд. ГЭС æмбырд кодта алыхуызон рæдтытæ кæнгæйæ, æмæ-иу сæ уый фæстæ сраст кодта. Арæзтадыл ацыд 2 азы. Йæ проекты Æхсарбег пайда кæны уæгъд цалхы куысты принципæй. Ацы схемæ нымад у æппæтæй хуымæтæгдæрыл æмæ ма ахадгæйыл дæр.

ГЭС æмбырд кодта, цы йæм уыд, уыцы æрмæджытæй. Фылдæр, æнæхъæутæ металлæй. Æхсарбегæн ис йæхи æрмадз. Уым, æппæт хъæугæ хæйттæ сцæттæ кæнынæн алцыдæр ис. Станоктæ зæронд сты, фæлæ сæ куыст хорз кæнынц. Æхсарбег куыд зæгъы, афтæмæй ГЭС экологийæн дæр ницы зиан хæссы – атмосферæмæ хауæццæгтæ не *ппары, цæугæдон нæ чъизи кæны.

Чысыл-гидроэлектростанцæ сæмбырд кæнын æмæ йæм зилын дæр зын нæу. Уарзиаты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, профилактикон куыстытæ феххæст кæны мæй иу хатт. Байсæрды механизм, цавæрдæр хай куы фехæлы, уæд та йæ афоныл бацалцæг кæны кæнæ йæ ногæй баивы.

Уарзиаты Æхсарбег фæнд кæны йæ ГЭС модернизаци скæнын. Саразын ног, дыууæуæладзыгон бæстыхай, сцалцæг кæнын турбинæ. Æппæт хъæугæ уæззау техникæ ис, сæйрагдæр та ис фæндон. Куыстытæ фæнд кæны ацы фæззæджы райдайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania