Йæ алы коллекци дæр у хицæн ныхасы аккаг, уымæн æмæ конд сты алыхуызон темæтæм гæсгæ.
Йæ дæсныйадмæ гæсгæ филолог, фæлæ йæ уды фæндонмæ гæсгæ та у дизайнер. Уататы Аннæ куклатæн æрхъуыды кæны уæлæдарæс. Йæ алы коллекци дæр у хицæн ныхасы аккаг, уымæн æмæ конд сты алыхуызон темæтæм гæсгæ. Æрмдæсны сæ йæхицæн райсы аивады дунейы. Ацы хатт йемæ уырдæм абалц кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Уататы Аннæ уарзы куклатæ балхæнын æмæ сын ног сурæттæ саразын. Аивы сын сæ дзыккуты фаст æмæ бахуыйы ног уæлæдарæс. Хомагыл фæстауæрц нæ кæны, равзары сын зынаргъ æмæ аив хъуымæцтæ.
Йы фыццаг коллекци равдыста Советон Цæдисы рæстæг. 15 куклайæн бахуыдта национ национ уæлæдарæс æмæ сыл сæвæрдта нæмттæ. Зæгъæм хъыргъызаг куклайы ном у Айгуль. Сæ хистæр – Уæрæсейыл та сæвæрдта йæхи ном – Аннæ.
Уæлæдарæс бахуыйыны фарстамæ хуымæтæг цæстæй нæ кæсы Аннæ. Алы кукла дæр у хицæн персонаж. Пушкин æмæ Гончарова, Шолоховы Григорий æмæ Аксинья, йæ куклаты хсæн Гоголы уацмыс «Вечера на Хуторе близ Диканьки»-йы архайджытæ. Ам сты нырыккон стъалытæ дæр, зæгъæм зарæггæнæг Елка æмæ мисс-ЮАР. Ныртæккæ та кусы Маргарет Митчелы роман Скарлет О-Харæйы сурæтыл.
Аннæ йæ миддунейы цы фæлгонцтæ саразы, уыдон царды æнцонтæй сæххæст кæны.
Йæ уарзон куыстæн Аннæ нывонд кæны æппæт уæгъд рæстæг. Нысан кæны йæ мады номыл равдыст саразын дæр.
Социалон хызæгты Аннæ йæ куыстытæ куы равæры, уæд дзы йæ куклайы сурæт раргом кæны æмдзæвгæйы руаджы




