Нæлгоймаг бирæ азты размæ бахауд фæндаггон фыдбылызы, æмæ сси инвалид.
Удыхъæд фидардæр чи кæны, ахæм зындзинæдты сæрты ахызти æхсæнадон архайæг, амалхъом адæймаг, меценат Лалыты Лев. Нæлгоймаг бирæ азты размæ бахауд фæндаггон фыдбылызы, æмæ сси инвалид. Фæлæ нæ фæцудыдта, уыимæ йæхимæ ссардта хъарутæ дарддæр царынмæ æмæ адæмæн æххуыс кæнынмæ. Ныртæккæ у лæгдзинады ирд дæнцæг. Цæмæй, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Æппынæдзухдæр хъæлдзæг зæрдæйы ахаст. Уый Лалыты Левæйæн у йæ сæйрагдæр миниуæг. Цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахизæн ис, зæгъы нæлгоймаг. Фæлæ цæмæй уыцы хъуыддаг бамбарай, уымæн та хъæуы рæстæг.
Ахæм фыдбылыз кæйфæндыдæр фæцудын кæндзæн. Фæлæ Лалыты Лев йæхимæ ссардта хъарутæ, цæмæй ногæй царды уæндон къахдзæфтæ кæна, уымæн. Уыимæ ма йæ зæрдæйы – мастæн æмæ хæрамдзинадæн бынат нæ радта.
Ахæм уавæры чи бахауд, уыдонæн Левæ фидарæй зæгъдзæн – алцæуыл дæр хъæуы сæрбæрзондæй æмбæлын, лæгдзинад нæ сафын. Куыддæр уыцы хъуыдыимæ сразы уай, афтæ цард хуыздæрырдæм ивын райдайдзæн.
Лалыты Лев у æнтыстджын амалхъом адæймаг. Йæ ахуырадмæ гæсгæ у хъæддæсны. Фæлæ йæхи фæлвæрдта алыхуызон къабæзты. Йæ рæстæджы уыд зындгонд ателье «Березка»-йы директор. Куыд зæгъы, афтæмæй кæддæриддæр хорз арæхсти адæмимæ ныхас кæнынмæ. Ныртæккæ та у хилдасæны хицау. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн ныртæккæ хорз уавæртæ арæзт цæуынц.
Лалыты Лев, ныртæккæ зæгъæн ис, æмæ кæны æххæст цард. Йæхæдæг тæры машинæ, у активон æхсæнадон архайæг – нæ республикæйы Æхсæнадон палатæйы уæнг, Ирыстоны нациты хсæн æмæ æддагон бастдзинæдты рæзты Фонды сæрдар. Иу дзырдæй – у дæнцæгæн хæссинаг нæлгоймаг. Йæ цардуарзондзинадæй æмæ фидар удыхъæдæй. Уыимæ ма йæ цардвæндаг ирдæй æвдисы – адæймаг цыфæнды зындинадыл дæр фæуæлахиз уыдзæн. Æрмæст æй куы бафæнда, уæд.




