филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:48 воскресенье, 14 декабря 2025
03 февраля 2020, 13:09
УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг Уарзиаты Хаджысмелы райгуырдыл сæххæст 82 азы

1968-æм азы сси адæмон кафты паддзахадон ансамблы сæргълæууæг æмæ йын радта ном «Алан»

Абон зындгонд хореограф, Ирыстоны фыццаг балетмейстер – кæфтытæ æвæрæг, УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг æмæ нæ республикæйы адæмон артист Уарзиаты Хаджысмелы райгуырдыл сæххæст 82 азы. 1968-æм азы сси адæмон кафты паддзахадон ансамблы сæргълæууæг æмæ йын радта ном «Алан». Хаджысмел сног кодта концертон программæ, уыимæ Ирыстоны  аивадмæ бахаста ног кæфтытæ. Стæй сæ адих кодта сæ жанртæм гæсгæ. Уарзиаты Хаджысмел йæ адæмæн ныууагъта  хъæздыг бынтæ. Сæ бындурыл рæзы кафджыты арæхстдзинад. Йæ дæсныдзинад абон дарддæр адæммæ хæссы йæ фырт Сослан. Уый Мæскуыйы сарæзта культурæ æмæ спорты центр, стæй Уарзиаты Хаджесмелы номыл хореографион æрмадз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania