филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:13 суббота, 21 сентября 2024
29 октября 2012, 15:51
УФ-йы бæрæг кæнынц, ведомствоты бæрны чи нæй, ахæм хъахъхъæнджыты управленийы профессионалон бон

Абон УФ-йы бæрæг кæнынц, ведомствоты бæрны чи нæй, ахæм хъахъхъæнджыты управленийы профессионалон бон. Пъæлицæйы хайæдты иуæн йæ сæйраг хæс у паддзахадон æмæ адæмы хи исбонад хъахъхъæнын.

Абон УФ-йы бæрæг кæнынц, ведомствоты
бæрны чи нæй, ахæм хъахъхъæнджыты управленийы профессионалон бон.

Пъæлицæйы хайæдты иуæн йæ сæйраг хæс у паддзахадон æмæ адæмы хи исбонад
хъахъхъæнын. Ныртæккæ æппæт УФ-йы сæ цæст дарынц 1 милуан æмæ 500 мин
фатермæ, стæй 500 объектмæ.

Кæд абон сæ бæрæгбон у, уæддæр иууылдæр
сты сæ куысты уæлхъус. Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады хайады
специалисттæ дæр рад хæссынц се рвылбоны фæткмæ гæсгæ.

Бестауты Роман мидхъуыддæгты министрадмæ
кусынмæ æрбацыд 2005 азы. Раздæр уыд мидхъуыддæгты министрады
управленийы фыдгæнджыты ахсæг сæрмагонд къорды, фæстæдæр сси оперативон
радхæссæг. Ныр та адæмы сабырдзинад хъахъхъæны, ведомствоты бæрны чи
нæй, ахæм службæйы.

Æддаг бакастæй хуымæтæг лæппу, йæ хъару
æмæ йæ тых не вгъау кæны адæмæн исты хæрзты бацæуынæн. Баххуыс сын
кæнынæн. Йе мкусджытæ сты иузæрдион – Романыл цыфæнды хъуыддаджы дæр
баууæндæн ис. Нæ фæсайдзæн, бахъуаджы сахат æрбалæудзæн дæ фарсмæ,
сараздзæн дын дæ хъуыддаг. Цы коллективы кусы, уым ын кæнынц стыр аргъ.
Нымад у кадджын æмæ фæлтæрдджын специалистыл.

«Æхсæнадон цæстдардмæ æмæ
хъахъхъæнынадмæ стыр æвæрæн кæй бахаста», уый тыххæй 2009 азы Уæрæсейы
Федерацийы уæды президент Дмитрий Медведевы указмæ гæсгæ хорзæхгонд
æрцыд кадджын хæрзиуæгæй. Уымæн æмæ фервæзын кодта адæмы. Хъуыддаг уыд
афтæ, иу адæймаг иннæты тæрсын кодта гранатæйæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй
уыд хæстон хæцæнгарз, æмæ тæссаг уыд срæмудзынæй. Йæ алыварс та уыд бирæ
адæм. Роман хъуыддаг куы бамбæрста, уæд адæмы ракодта æдас ранмæ.
Гранатæ та рахаста афтид бынатмæ, æмæ йæ схæцын кодта. Афтæмæй хъыгдард
ничи баййæфта.

Фæлæ Роман йæхи хъæбатырыл нæ нымайы.
Исты сгуыхтдзинад равдыста, уымæй дæр не ппæлы. Куыд фæзæгъы, йæ бынаты
алчи дæр афтæ бакодтаид. Æмæ ма уæзданæй бафтауы, ома, æххæст кодта
æдасдзинады домæнтæ.

Йе мкусджытæн та у хъæбатыр. Æрыгон специалисттæн дæнцæгæн хæссинаг. Йæ бинонтæ дæр дзы сæрæстыр куыд не сты.

Бестауты Радмилæ, Бестауты Романы чызг:
«Мæнæн мæ фыд афтæ фæзæгъы, искуы куы уай, уæд ма рох кæн, кæй чызг æмæ
кæй бинонтæй рацыдтæ, уый. Æз дзы уый тыххæй дæн бузныг. Хуыцау зæгъæд,
æмæ алы бинонты дæр мæ фыды хуызæн сæрдар куыд уа, уый».

Бестауты бинонтæ арæх æрæмбырд вæййынц
иумæ. Кæрæдзийæн ракæнынц сæ хабæрттæ. Ног бон куы ралæууы, уæд та апырх
вæййынц алчи йæ куысты фæдыл. Æмæ та фенхъæлмæ кæсынц ног фембæлдтытæм.

Роман та алы бон дæр ис йæ куысты
уæлхъус. Æмæ йæ алчи дæр зоны, цалынмæ мидхъуыддæгты хайæдты Романы
хуызæн лæппутæ уа, уæдмæ Ирыстоны цæрджытæн сæ бон у æдасæй цæрын.
Уæвгæ, Роман æмæ йе мкусджытæн адæмы сабыр цард æмæ исбон хъахъхъæнын сæ
куыст нæу, фæлæ сæ цард.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania