Архайдта дзы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз, хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем, фæллойы æмæ социалон рæзты министр Тугъанаты Ларисæ. Ныхас цыд

Дмитрий Медведев куыд загъта, афтæмæй ацы сæрд нæ бæстæйы кусдзæн 52 000 фæлладуадзæн лагеры. Хъуамæ дзы баулæфой æмæ се нæниздзианд фæфидардæр кæной 8 млн 500 мин сывæллоны. Уыдонæй 2 млн 800 мины сты бирæсывæллонджын æмæ, зын уавæрты чи бахауд, ахæм бинонтæй.
«Æппæт фæлладуадзæн бынæттæм цæудзæн цæстдард» – загъта Дмитрий Медведев. Хъуамæ дзуапп дæттой æдасдзинады æмæ санитарон домæнтæн, æххæстгонд цæуой антитеррористон æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ арæзт мадзæлттæ.
Цæмæй Цæгат Ирыстоны сывæллæттæ сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг рæсугъдæй арвитой, уый тыххæй радих кодтой 200 милуан сомы. Республикæйы кусдзысты 184 санаторон-курортон организацийы.
Хицæн куыст цæудзæн, сидзæрæй чи баззад æмæ фæкæсынхъуаг чи у, уыцы сывæллæттимæ. Сты 594. Сæ фæллад суадзынæн сын республикæйы бюджетæй радих кодтой 7, 7 млн сомы.
Уымæй уæлдай ма боныгон лагертæ кусдзысты скъолаты цур, сывæллæтты æрвитдзысты базæтæм. 440 сывæллоны баулæфдзысты спортивон-патриотон лагерь «Балц»-ы, 400 сывæллоны бæстæзонæн-туристон лагерь «Хохаджы», 160 сывæллоны та ацæудзысты Мæздæджы хъазахъхъаг æфсæддон-спортивон лагерь «Казачок Терека»-йы. Фæлладуадзæн бынæтты сывæллæтты æдасдзинад хъахъхъæндзысты 200 полицæйаджы.
